ГАСИТЫ Кларæ ХАЛСАРТЫ УАЙДЗÆФТÆ (Хъазæн ныхас)
Халсартæ тæргæйттæ
систой:
«Царæй нæ дзæгъæлы
`ристой,
Нæма скодтой
рæнхъытæн хахх,
Æнæсагъдæй
зайдзыстæм мах».
Фæззæджы нуры дæр
куыдта,
Мит уарыд, афтæмæй
дзырдта:
«Къуыбæрттæй зæххытæ ныууагътой,
Афтæмæй нæ садзынмæ æрхастой».
Загъд кæнын дын байдыдта хъæдындз:
«Мæ сыф ысдардта ныр йæ фындз,
Уæддæр ма зæххы бын нæ дæн.
Ацы фидиссæгтæ бабын кæндзысты мæн».
«Ныр адонимæ лæг куыд цæра? –
Уырыдзымæ басирдта цæхæра. –
Фæдис! Фæчындæуыд нæ гуырдзтæн низ –
Уырыдзытæ нын гуырдзæнис!
Дымгæ нæ кæрæдзийыл куы хойа,
Уæд бабын уыдзæнис нæ къона.
Йе та мыл куы абада дæ бындз,
Уæд мæ хуылфæй сдардзынæ дæ фындз».
Источник: Моздокский вестник
31.03.2017 17:54
По теме

25.04.2018 ГТРК Алания

25.04.2018 Глава Республики
25.04.2018 Прокуратура